Форум » ИРОН ÆВЗАДЖЫ ФÆЗУАТ » Vote: Ираеттае каераедзиимае уырыссагау цаемаен дзурынц? » Ответить

Vote: Ираеттае каераедзиимае уырыссагау цаемаен дзурынц?

Хуссайраг: Цаемаен пайда каенаем уырыссаг аевзагаей каераедзиимае дзургае, каед аемае нае фылдаеры бон у парахатаей пайда каенын нае мадаелон аевзвгаей? PS: Хаедаегай, ацы саергонды иронау фысс, каед араехсыс, уаед.

Ответов - 28, стр: 1 2 All

Русланбек: Уымаен аемае мае ныхасгаенджытаей бираетае иронау нае зонынц аемае семае уырыссагау дзурын. Иронау чи зоны, уыдонимае ваеййы мае фылдаер ныхас цаеуы иронау, кенае ба дигоронау. Хъаелаес не скодтон.. Маен фарста дзы нае разынд.

Хуссайраг: Русланбек, заегъ дае фарста, аемае йае хыгъдмае бафтауон, чизоны ма аендаер исчи даер дае хуызаен хъуыды каены..

Котенок Гав: первый вариант надо было писать по-русски Ты объединил в одном опросе уровень знания языка и причины. Вместо 4-х первых можно было так и указать: недостаточно хорошо владею.


Русланбек: Ныхас каеййимае каенын, уый иронау нае зоны. Уымае гаесгае нае ныхас цаеуы уырыссаг аевзагыл. Или "собеседник не владеет осетинским и приходится беседу вести нарусском языке".

Хуссайраг: Архайджыты курдиаеттаем гаесгае номхыгъд ивд аерцыд. Ногаей равзарут уаехицаен вариант.

татьяна: Хуссайраг аемае йае нал хъуды каенын каешы вариант мын уыд

fydbylyz: Умаен аемае ираеттаен сае фылдаер сты аеуитае! Ирыстоны иронау чи нае дзуры, уый каей аххоссаей сты? АЕви ираеттае ахаем "аегъдауджын" каей сты, аемае алы адаемы мыггагаен аргъуц каей каенынц, саехи та даелаемае даер аеруадздзысты фырадаергаей? Уырыссагау даер саем дзурдзысты аедзух, цаейнаефаелтау сае батыхсын каеной (аемае сае буц ахуыр хаедзармае даер бахаессынц цаемаендаер) Адон сты б*кк сайаен ныхаестае! Уаедае Сомих аемае Гуырдзыйы даер афтае у? АЕви уыдон даер аендаер искаецы аевзагыл дзурынц сае наесомихаг, наегуырдзиаг цаерджытимае?.. Бабуцайы ныхаестае!..

Хуссайраг: Цыма даехаедаег иронау дзурыс аедзух... Ираетты хсаен уырыссаг аевзагаей куы пайда каеныс аедзух даехаедаег, уаед ныр ам дае пырх цы калыс?

Фати: Хуссайраг фыссы : Ираетты хсаен уырыссаг аевзагаей куы пайда каеныс аедзух даехаедаег, уаед ныр ам дае пырх цы калыс? каед ма ай нае архайы аермаест иронау дзурыныл! Дзаеуджыхъаеуы алкаемае иронау дзуры, фаелае 10 хаттаей 9 фаестаемае уырыссагау дзуапп каенынц, сае фылдаер афтае: "Я не понимаю по-осетински!" Лаег иронау куы дзура, аемае йын уырыссагау куы дзуапп каеной, уаед тынг ацъаел ваеййы.

Irbis: Рæстæджытæ ивынц... Гуырдзиагтæм æмæ сомихæгтæм (особенно) ахæмтæ бирæ ис, сæ мадæлон æвзаг кæцытæ нæ зонынц. Обсрусевшитæ сæ хонæм мах. Кавказаг адæм Кавказы мидæг дæр ныр иннæтæ сты, ивынц сабыргай, æмхуызон россиянтæ свæйынц... Æвзаг та вытекающее.. Сывæллон йæ райгуырдæй куы нæ хъуса мадæй æмæ фыдæй ирон ныхас, уæд хъуамæ кæм йæ сахуыр кæна? Скъолайы? Пф.. Ивынц рæстæджытæ.

леопольдина: Irbis пишет: Æвзаг та вытекающее..

Irbis: леопольдина фæлтау мæ сраст кодтаис!)

Manu_nya: леопольдина пишет: Irbis пишет: цитата: Æвзаг та вытекающее.. Irbis пишет: леопольдина фæлтау мæ сраст кодтаис!) ... аеуырдыгаей рацаеугае (аеваеццаегаен)

Алон: Manu_nya пишет: Рæстæджытæ ивынц... Гуырдзиагтæм æмæ сомихæгтæм (особенно) ахæмтæ бирæ ис, сæ мадæлон æвзаг кæцытæ нæ зонынц. Обсрусевшитæ сæ хонæм мах. Кавказаг адæм Кавказы мидæг дæр ныр иннæтæ сты, ивынц сабыргай, æмхуызон россиянтæ свæйынц... Æвзаг та вытекающее.. Сывæллон йæ райгуырдæй куы нæ хъуса мадæй æмæ фыдæй ирон ныхас, уæд хъуамæ кæм йæ сахуыр кæна? Скъолайы? Пф.. Ивынц рæстæджытæ. Хъæбæр раст!

fydbylyz: Хуссайраг фыссы : Цыма даехаедаег иронау дзурыс аедзух... Ираетты хсаен уырыссаг аевзагаей куы пайда каеныс аедзух даехаедаег, уаед ныр ам дае пырх цы калыс? фидиссаг,аендаер мацы фен!)) каеимае мае фехъуыстай уырыссагау дзургае? даеу даер ма маехаедаег куы сраст кодтон, куы та-иу аей фаеуырыссаг кодтай!))

Барзин: Уырыссагау фылдæр уымæн дзурæм, æмæ нæ адæмæн сæ фылдæр нæ зонынц сæ мадæлон æвзаг куыд æмбæлы афтæ. Æмæ кæд хуымæтæг ныхас кæнын (фылдæр уырыссаг хæццæ) бирæты бон у уæд рæстмæ фыссын æмæ кæсын зонынц стæмтæ. Уый у бинонты æмæ ахуыргæнджыты аххос. Ирон æвзаджы ахуыргæнджытæй бирæтæ сæ рæстæг æрвитынц куыд-фæндыйæ, дыстæфæлдæхтæй дæттынц æмæ домынц æрмæг. Уыдон сæхæдæг æвæрынц сæ куыст "ницæмæн хъæуы"-йы бынаты. Уæд ма скъоладзаутæ та цы зæгъой. Ахæм уавæр ис Дзæуджыхъæуы фылдæр скъолаты. Фæлæ хорз ахуыргæнæг сывæллæттæн бауарзын кæны йæ предмет æмæ уæд фæархайынц зæрдиагæй. Ахæм ахуыргæнæг у мæнæ Фатийæн Алагиры ирон æвзаг чи лæвæртта уый (иумæ куыстам). Æмæ ма бакæсут, Фати куыд хорз зоны йæ мадæлон æвзаг. Кæй зæгъын æй хъæуы, адæймагæн йæхи зонд æмæ хъæдæй аразгæ дæр у. Фæлæ хорз ахуыргæнæг цардмæ стыр фарн хæссы, Китайы йæ зæронд заманты зæдты æмрæнхъ дзæгъæлы нæ æвæрттой. Мæн кары адæмæн зындæр уыдис - ирон æвзаг Цæгат Ирыстоны уæды скъолайæ аппæрстой, æмæ ныры 50-60 азыдзыдтæй бирæтæ нæ фæцалх сты фыссын æмæ кæсыныл (дæлдæр ныххауæд уыцы унаффæ рахæсджытæ ). Æз мæхæдæг иунæг бон дæр нæ цыдтæн ирон æвзаг, 20 азыдзыдæй йæ райдыттон хи хъаруйæ ахуыр кæнын. Бирæ ахъаззаг цæфтæ баййæфтæ нæ ирон æвзаг 20 æнусы. 30-40 азты нæ адæмы раззагдæр æмæ зæрдæргъæвд лæгтæн сæ фылдæр ГУЛАГы къуымты сæфт æрцыдысты. Уыдонимæ: фысджытæ, аивады æмæ рухсады кусджытæ. Сæ ирон адæм æгæрон уарзтæй кæй уарзтой, уый тыххæй сæ схуыдтой буржуазон националисттæ. Суанг Къоста дæр уыцы номхыгъдмæ бахауди. Бирæ азты дæргъы Брытъиаты Елбыздыхъойы "Хазби" уыдис "æнæфæччыйаг" уацмыс, ской дæр æй нал уагътой. Суанг ма Хазбийы зарæг дæр зарыны бар дæр нал уыдис. Стæй та Хрущевы 1960 азты æдылы унаффæтæ. Цæвиттон, ирон æвзаг 70-80 азы бадтис ахæстоны, йæ уæнгтæ амардысты, йæ хъару асасти. Тынг смæгур ис, йæ авналæнтæ зынгæ фæцыбыр сты. Гъе уый фæдыл бацахста хъæздыг, барджын æмæ "бонджын" уырыссаг æвзаг уыййас бынат нæ ирон æхсæнадон царды. Уырыссагау нын æнцондæр у нæ хъуыдытæ зæгъын. Бирæ нырыккон уырыссаг ныхæстæн нæй тæлмац иронау. Иннæтæ нæ ныхасы ивд æрцыдысты арбайсгæ дзырдтæй. Фæлæ кæд не'взаг тыхст рынчыны уавæры ис, уæддæр нæма амарди. Цалыммæ йыл мах дзурæм уæдмæ. Сымах хуызæн фæсивæдимæ æмæ ныры уавæрты мæн ис ныфс, ирон æвзаджы уавæр кæй цæудзæн хуыздæрмæ.

fydbylyz: Хуссары ноджы аевзаердаер уаваер куы уыди ирон аевзагимае, уаед удон та куыд ницы кодтой?..

curiousman: Фарн уæм бадзурæд, зынаргъ æмбæлттæ! Гæбæраты Никалайы загъдау, "ФАРНы хъуыддæгтæ, ФАРНы бынат дардыл у ирон æвзаджы, æмæ ахæм дзырдтæ цы æвзаджы ис, ФАРНы хуызæн дзырдтæ, уымæн, æвæццæгæн, сафынæй тас нæу. Сафæн нæй, уымæн, æмæ ахæм дзырд, стей уый хуызæн дзырдтæ дæр æвдисæн сты уымæн, æмæ æвзаг тыхджын у, æвзагæн стыр хъомыс ис. ФАРНы хуызæн дзырдтæ цы æвзаг сфæлдыста, уый, æвæццæгæн, фидар æвзаг у, уым, æвæццæгæн, цыдæр ФАРН ис, ахæм æвзаджы. Уый хуымæтæг дзырд нæу." Мæн дæр уый фидарæй уырны! Арæхдæр цæут ардæм - http://allingvo.ru - Ирон æвзаджы клубмæ, æмæ Нæ ныхæсты фарн уæд!

Хуссайраг: fydbylyz фыссы : Хуссары ноджы аевзаердаер уаваер куы уыди ирон аевзагимае, уаед удон та куыд ницы кодтой?.. Норильскы бынтон аевзаер уаваер куы уыд ирон аевзагимае, уаед дзы ды та куыд сараехсттае? Афтаемаей ис саразаен ахаем хатдзаег, аемае цас аевзаердаер уаваер уа аевзаг ахуыр каенынмае, уас ыл аенцондаераей хаест каенынц адаем

fydbylyz: Хуссайраг фыссы : Норильскы бынтон аевзаер уаваер куы уыд ирон аевзагимае, уаед дзы ды та куыд сараехсттае? Афтаемаей ис саразаен ахаем хатдзаег, аемае цас аевзаердаер уаваер уа аевзаг ахуыр каенынмае, уас ыл аенцондаераей хаест каенынц адаем Маехи хъаеппаерисаей! (мае хъаеппытае тынг рыстысты аеуцы хъуыддагыл, ома))) Нае зонын, каед ма Дзаеуаеджыхъаеуы наей аевзаер уаваертае. Норислкы умаей хуыздаер сты))))



полная версия страницы