Форум » ИРОН НЫХАС » Кæныс ма хъуыды дæ саби бонтæ? » Ответить

Кæныс ма хъуыды дæ саби бонтæ?

балцаджы цалх: ( Алы зæронд адæймаджы мидаг бады саби. Иу ахæм зæронд лæг йæ æрыгон бонты хабæрттæ фæкодта, кæцытæм БЦ лæмбынæг фæхъуыста ама сæ ныр фыссы, куыд арæхсы афтæ. ) СÆРДЫГОН БОНТÆ. Сæумæцъæх. Хур йæ зилæн кæны. Куыдтæр йæ бырынкъ æсдардта ныллæг хæхты сæрæй сæумацъæхæй æмæ йæ тынтæ ахæлиу кодта зæххыл, афтæ хъæубастæ дæр райхъал ис. Гыццыл, æлыг хъæмпимæ æзмæст дурæй амад хæдзар. Йæ сæр агурийæ æмбæрст. Фыд кæрты зилæнтæ кæны. Кæм кауы мих араст кæны, кæмта цы. Хъуамæ хæдзар æдзæллæг хуыз ма уа. Мад хъугæн донимæ æзмаст цъата радта чъыбылайы мидæг. Хъуг дон æнæуылæфтæй анызта, æстæй уæд йæ æстыр æвзагæй балæууыдис цъатайыл æстарынæй. Цалдæр хатты йæ æвзаг дыууæрдæм арадау-бадау кодта, æмæ хæрд фæци. Уый адыл хæдзары æфсин гыццыл роды бабаста хъуджы цур. Хъуг роды æстæрынтæ райдыдта. Род йæ къæдзил батилы æма йæ рæхыстæ тоны, цæмæй фæздонмæ баирвæза, уыуыл. Мад фæздоны цур æрбабадтис æмæ дуцынтыл фæцис. Куы фæцис йæ куыст, уæд роды æсуагъта æмæ ма фæздоны цы баззадис æхсырæй, уый та уый хай фæцис. ..............

Ответов - 58, стр: 1 2 3 All



полная версия страницы