Форум » ИРОН НЫХАС » Кæныс ма хъуыды дæ саби бонтæ? » Ответить

Кæныс ма хъуыды дæ саби бонтæ?

балцаджы цалх: ( Алы зæронд адæймаджы мидаг бады саби. Иу ахæм зæронд лæг йæ æрыгон бонты хабæрттæ фæкодта, кæцытæм БЦ лæмбынæг фæхъуыста ама сæ ныр фыссы, куыд арæхсы афтæ. ) СÆРДЫГОН БОНТÆ. Сæумæцъæх. Хур йæ зилæн кæны. Куыдтæр йæ бырынкъ æсдардта ныллæг хæхты сæрæй сæумацъæхæй æмæ йæ тынтæ ахæлиу кодта зæххыл, афтæ хъæубастæ дæр райхъал ис. Гыццыл, æлыг хъæмпимæ æзмæст дурæй амад хæдзар. Йæ сæр агурийæ æмбæрст. Фыд кæрты зилæнтæ кæны. Кæм кауы мих араст кæны, кæмта цы. Хъуамæ хæдзар æдзæллæг хуыз ма уа. Мад хъугæн донимæ æзмаст цъата радта чъыбылайы мидæг. Хъуг дон æнæуылæфтæй анызта, æстæй уæд йæ æстыр æвзагæй балæууыдис цъатайыл æстарынæй. Цалдæр хатты йæ æвзаг дыууæрдæм арадау-бадау кодта, æмæ хæрд фæци. Уый адыл хæдзары æфсин гыццыл роды бабаста хъуджы цур. Хъуг роды æстæрынтæ райдыдта. Род йæ къæдзил батилы æма йæ рæхыстæ тоны, цæмæй фæздонмæ баирвæза, уыуыл. Мад фæздоны цур æрбабадтис æмæ дуцынтыл фæцис. Куы фæцис йæ куыст, уæд роды æсуагъта æмæ ма фæздоны цы баззадис æхсырæй, уый та уый хай фæцис. ..............

Ответов - 58, стр: 1 2 3 All

Фати: Иу хатт нае хъуг быдыры хизаены ныззад. Мах ме'фсымаеримае нырма гыццыл уыдыстаем, фаелae наем тынг цымыдис кастис ацы хабар, аемае заеронд лаегимае араст стаем быдырмае уаердонимае. Наехи цъыфы саезмаестам, афтаемаей сырххъулон роды схаеццае кодтам, уаердоны ласгае. Заеронд лаег аей ласгае, мах та каераетты уайгае тынг тыхстаей, ма нын ахауа, заегъгае. Эххх, уыдис каеддаер аенаемает цард...

snake: Иу хатт детсадаей радавтон чысыл тырысатае, шариктае, цаейдаер баедтаентае... Аемае цае мае дзаумаедты `стыстон, дысты, хаелафы. Афтаемаей мае мае мад хаедзармае куы фаекодта, уаедаей фаехатыди, ома ацы лаеппу шип-шипгаенгае цаемае фаецаеуы. Мае кухтае аемае мае каехтае раестмае тасгае нае кодтой. Амае мын цае куы райкалын кодта уый аеппает фаеллой, уаед уалынмае нае раезмае рацаейцаеуы нае участковый Санахъоты Габе. Мае мад мае иае размае фаекуыссикодта аемае дзуры:"Габе, дае хорзаехаей, ашы лаеппу ма мын `рчахс. Мае бон джы нал у, шы ми ма иын бакаенон. Бакаесмаиаем, шас шыдаертае радавта садикаей". Стаей мын ма мад дзырдта, ома дае цаестытае дам донаей ахуылыдз `сты, аемае дам бандзыг дае. Габе маем `рбакасти, аемае стаей дзуры:"Нае, ай хорз лаеппу у. Нал радавджен нишы уал". Стаей мае мады рдаем фаезылдис аемае дзуры:"Иае нывонд фаеу. Алчи ма йае л... милицияйе ма таерсынкаенает!".

леопольдина: snake После возвращения из СО, мы с мамой жили на Энгельса, напротив трех детских садов:грузинского и двух русских. Поскольку перед нашими домами не было двора, где бы мы-дети могли играть, нашим местом отдыха на выходные становились детские площадки, тех самых садиков. Однажды в грузинском садике забыли закрыть двери, ну и мы всем скопом (человек 7) направились во внутрь, поглазеть на игрушки. Посмотрели, поиграли, потом вспомнили, что надо идти домой, и каждый из нас прихватил с собой игрушку. Точнее ребята прихватили игрушки, а я для своей куколки мутаку (восточная продолговатая подушка, в виде валика) и...фотографию Ленина в детстве . Как и ты, я это все тщательно спрятала и пронесла в дом. Подушечку сразу же положила под голову своей кукле, а про фотографию Ленина, спрятанную в шортиках, забыла. Вечером меня как всегда решили искупать, и... тут из моих шортиков вываливается фотография-вождя всех народов. Мой покойный отец уставился на фотографию, потом тихо с удивлением спросил маму, зачем дескать ты ребенку купила фотографию покойника и почему она таскает ее в шортах? Ествественно мама заявила, что она этого не делала. Пришлось сознаваться. Тебе пригрозили милиционером, а меня с нравоучениями "ты понимаешь чью ты фотографию украла что с тобой может быть" пообещали сдать в трудколонию а для начала поставили в угол. Поревев минуты 3 я обратилась к родителям, чтобы они меня в трудколонию не сдавали, что сознаюсь во всем, такого больше никогда не сделаю и завтра у воспитателей попрошу прощения. И со словами "только этого мальчика я не убивала" по новой разревелась


snake: Я как раз в один из двух и ходил.

Русланбек: Иу-авд азы мыл куы цыди, уаед мае нае фыд арвыста нае хаераегмае . Уый та даргъ баедтаенаей баст уыди быдыры иу хъилмае.. Аез баедтаен хъилаей рафтыдтон аемае йыл рахаецыдтаен наехирдаем. Хаераег нае куымдта, цъаех каердаегаей йаехи наема бафсаеста ваеццаегаен.. Баедтаен уыди маенае альпинисттаем цахаем ваеййы, ахаем.. Фидар, фаелае иваезаг, хаераеджы баерзаейыл ма альпинистаг аефсаейнаг карабин даер уыди. Аез аей тынгдаер ивазын, аемае хаераег йае саер тилын байдыдта, мае карабин фаехицаен. Каесын аемае хситтгаенгае аербатаехы маенырдаем.. Маехи ма баергае фаесайдтон, фаелае мае таеккае тенкайыл сымбаелди аемае фацудыдтаен (потерял сознание). Цасдаер раестаег рацыди, аемае куы нае зынддаен, уаед нае фыд мае фаестае ацыди. Баййаефта быдыры ахаем ныв: хаераег мае цуры хизы, аез та сфаелдаехтаен заеххыл мае саер тугаейдзаг афтаемаей. Маен даер хаедзармае ахаста аемае аенаерай хаераеджы даер ракодта йемае.. Гъе афтае мае нае хаераег гыццыл-ма амардтаид

Русланбек: Иннае хат та, уымаей раздаер уыди, нае фыд аемае мае хистаер аефсымаер райсом раджы цыдысты хос каердынмае.. Маен даер семае фаендыди, амае мае аенаефаендгаей акодтой. Каердынтае куы байдыдтой, уаед аез куы иу мае ныббыцаеу ваеййын, куы иннаемае, ома цаеваег маем радтут каердгае каенын.. Уыдон мае антъаердтой, ацу дам уаертае баласы бын хураууоны бад. Ахаем хъуыддагмае амаесты даен, аемае аез даер фыдаенаен уаедае бацыдтаен аемае мае къахаей доны бидон скъуырдтон.. Гъа, заегъын, каед маем цаеваег нае даеттут, уаед аенае донаей баззайдзыстут. Маехаедаег афардаег даен хъаеуырдаем нае хаедзармае.. Уыдон аембисбоны схаеццае сты маестаейдзагаей аемае мае ме фсымаер расур-басур каенын байдыдта. наемгае дам аей каенын, дойныйае амардыстаем ай аххосаей .

балцаджы цалх: Уынджы уынæр гыццыл лæппуйы райхъал кодта. Фæла ма йæм хуыссын цыдис ама йæхиуыл хъæццул тынгдæр æрбатыхта æмæ та ногай афынæй. Растаг уыдис фондз сахаты. Адæм сæ фосы кæртæй ратардтой. Сыхæгтæй исчи, иу иннæйы ауынгæйæ, рахъæр кодтаид - "Дæ райсомтæ хорз", уый та йын - "Кæй райсомтæ, уый хорзæх дæ уæд". Афтæмæй сæ фос тардтой цæхгæрмæ уынгмæ. Цæхгæрмæ уынджы райдианæй иу рацæйцыд хъомгæс, йæ разæй хъуццытæ тæргæйа. Фиййау дæр иу ахæцыд йæ фадыл фыстæ тæргæйа. Фос иу куы барæгъау ис, уад иу йæ сæрмæ рыг михъау æсбадтис. Рæгъæутта хъуамæ хъæугæронмæ ацæуой, æмæ уым бон изæрмæ фæхизой. Æхсæз сахаты куы ралæууыдис, уæд мырзæл зарыныл æсхæцыдис - "Уæгъдибар паддзахадты æнæхалгæ иумæйагдзинад æнустæм æсфидар кодта уæрæсе ... " Ногæй та фехъал ис уыцы æнагкаг зæлтæм гыццыл лæппу. Уымæ хъусгæйæ йæм алы хатт афтæ кастис, цыма кæйдæр мард уæлмæрттæм фæхæссынц. ............................

балцаджы цалх: Ирон лæг хæрæджы хъæрмæ нæ райхъал уыдзæн, фæлæ уыцы зæлтæ ахæм мæнгард уыдысты ахæм, æмæ марды дæр райхъал кодтаиккой. Цыма гæнан уыдис лæппуйæн дæр. Йæ хъарм лыстæнæй растад æмæ йæ гыццыл тымбыл къухтæй йæ цæстытæ аууæрста. Хуыцау йæ зонæг, цы бахордтаид. Чи зоны, æмæ нартхор кæрдзын ног дыгъд æхсыримæ. Кæртмæ рахыстис. Йæ уæлæ цыбыр хæлаф. Сæууон уæлдæф нырма уазал. Чъырæй цагъд хæдзары урс къулы цур алæууыд æма йæхи батавта хуры тынтæм. Куы æсхъарм ис, уæд кæрты дуары цурмæ рацыд, æма фæйнæгæй арæзт бандоныл сбадтис. Диссаг у цард. Сусæгдзинæдта дзы бирæ ис. Цъæх арв. Хæсгард къæдзил зæрватыччытæ мырзæлы телтыл бадынц. Кæнынц сæ зарæг, цыма чъиу æууилынц, ахæм хъæлæстæй. Бæлæстæ ныссыр-сыр кæнынц сæ цъæх сыфтæй, куы радымгæ кæны, уад. Ныхъхъуыста лæппу æрдзы мыртæм. Джихау кæсгæйæ бадгæ баззадис. Хъуыдыты аныгъуылд. Цымæ цæмæ у цард афтæ рæсугъд æмæ диссаг ...

Bestau: Гыццыл куы уыдтан, уад на хъауы бира заронд устыта уыд, ма фыдымады цахъхъанта. Са намтта уыдысты Гафе, Докка, Раиса, Машо, Наста, ама а.д. Ма мад загъы, иу фондз аз, дам, дыл куы цыди, уад маты бацыдта, загъга, мыл цыхузан ном савардтат, куы базаронд уон, уад ма куыд хондзысты?! Цай да цахъхъан заронд устытты намтта дар Олеся, Зарема, Карина, хуындзысты, загъта ма мад, ама уад арсабыр дан.

Фати: Иу хатт мае фыды хойы фырт махмае уыд. Уый даер мае караен уыд.Цыдаид ныл фаейнае 8 азы. Аемае йае хо та махаей 3 азы хистаер. Уый даер йае мады цаегатмае рфаендыд, фаелае махмае хаедзары каедваендыдаер уыд 3 куыдзы, ай та цае таерсгае кодта. Аемае наем аердзырдта телефонаей, мае размае рацаеут заегъгае. Ныр уыдон дардгомау цардысты, Алагиры астаеу, мах та хъаеураебын. Мах афтае дард цаеуын нае уагътой хистаертае. Фаелае нае пысултае акодтам, аемае даелае фаеуайаем. Наехимае тынг хъаеугае адаем ркастыстаем, аенаемах хистаер хо таерсгае каены, заегъгае. Фаеуайаем дарддаераей дарддаер, аемае хо нае зыны. Тынг стыхстыстаем, каед исты кодта заегъгае. Афтае ныл уайгае-уайын баизаер ис. Суанг цын сае хаедзары онг схаеццае стаем, фаелае бацаеуын нае баууаендыдыстаем, мад наем куы фаехыл каена, заегъгае, афтае дард каей рацыдыстаем, уый тыххаей. Аемае фаестаемае араст стаем. Хойыл афтае даер нае амбаелыдыстаем. Фаехаеццае каенаем фаестаемае хаедзырмае, аемае дын уалае тигъыл заеронд лаег суайы. Уый та не'ртае агураег рацыдис. Гъаей дае гъа, загътам, таеккае ныл дзы ауайдзаен. Аемае ныл фаехъаертае кодта, фаелае фаелмаен лаег у, аемае ныл над нае ауад. Стаей фыды хомае адзырдтам, каем ис Марина? Аемае Марина та уыд нард зиваеггаенаг сываеллон, аемае нал рацыдис, фистаегаей цаеуын аей нае фаендыд. Гъе афтае Маринайыл над ауад каей нае рацаеуын кодта афтае дард, уый тыххаей.

леопольдина: Русланбек пишет: фацудыдтаен (потерял сознание потерял сознание - фаесурдаен, фаецудыдтаен-сдвинулся, отодвинулся

Фати: леопольдина фыссы : фаецудыдтаен-сдвинулся, отодвинулся потерял равновесие, оступился

леопольдина: Фати пасибки

балцаджы цалх: ( Æææ уæууæй-уæууæй, мæнæ кæйтимæ æсхæцыдтæн иронау дзурыныл. ) ( Хъыг уын ма уæд, ХИСТАРТÆ, фæлæ ФАТИ раст бахах кодта ацы фарста. )

балцаджы цалх: ( Зæронд лæг дыууæ къухæй æрхæцыд лæдзæгыл ама сыл йæ роцъо сывæрдта. Æдзынæг ныккастис дардмæ. БЦ лæууы йæ цуры æмæ йам лæмбынæг хъусы, йæ дзых ныххæлиу ис фыр диссагæй. Лæг та ногæй йæ ныхас адардтæр кодта. ) Сихор. Лæппуйæн йæ фыд цы бабар кодта, уыцы куыстытæ сарæзта. Ныссаста фæрæтæй сугтæ ама сæ сæрдыгон арты бынаты самадта. Сыхæгты цъайæ дон фæхаста æмæ фосы бæлæгъ байдзаг кодта. Æртæккæ иунæгæй у сæхимæ, хæдзаргæсæй йæ ныууагътой. Фыд куыстма раджы ацыд. Мад та вæццаган дуканимæ ацыд, кæннæуæдта сыхæгты уыстытæй искаимæ ныхасыл æсхацыд. Сихоры рæстæг æрхæццæ. Хур йæ тæмæны бацыд, нал дæтты аууон. Лæппу курага бæласы бын уымæл зæххыл нымæт аппæрста æмæ йыл йахи уæлгоммæ ауагъта. Зад у бæлас рæгъæд, сырх æмæ бур фарс курагатæй. Зæххæй уæлæмæ цæуы тæвд уæлдæф æмæ дыууæрдæм зилын кæны сыфтæрты, къалиутæ та сæ мидбынаты, афтæмæй. "Вæццæгæн сæ хæйрæг азмæлын кæны", ахъуыды кодта лæппу æмæ афынæй. .............................

Мысост: Уæдæ кæд гæнæн ис, уæд æз дæр иу хабар ракæнон. Сабитæ ма уыдыстæм афтæмæй нæ сыхы иу мæгуыр бинонтæ чындз хастой. Мах бирæ фæразгъор-базгъор кодтам кæрты, уынджы. Фæлæ нын иу хай авæрæг нæ фæци. Æххормаг та куыд нæ уыдыстæм. Изæры талынджы бруйы сæрты кæсæм æмæ дзæхæрадоны лæгтæ дзаг фынджы уæлхъус бадынц, минас кæнынц, нуазынц. Афтæмæй махæн нæ комы дæттæ уайынц. Уæд уалынмæ тамако адымынмæ сыстадысты æмæ сарамæ бахызтысты. Мах дæр ма уымæй хуыздæр цы хъуыдис. Бруйы сæрты багæпп кодтам иу 4-5 лæппуйæ, фынгмæ бауадыстæм æмæ талынджы йæ къух кæмæн цæуыл хæст кодта уыимæ фæстæмæ бруйы сæрты расæррæтт кодта. Мæнмæ дæр дзы цыдæр дынджыр дзидзайы кæрдих æрхауыдта. Фæлæ бруыйы сæрты куы хызтыстæм уæд нæ чидæр ауыдта æмæ фæфæдис сты, фæстейæ нæ расырттой. Мах - лидзынмæ. Уыдон хъæр кæнынц: - Æрлæуут! Сæр кæдæм хæссут æнаггæгтæ, ахæм-ухæмтæ?! Æз ма ахъуыды кодтон ме мбæлттыл: "Æдылытæ, цымæ сæр кæдæм рахастой?!" Уалынмæ лидзгæ-лидзын мæ къухмæ æркасттæн, æмæ дын мæнæ фысы сæры бырынчъытыл хæцын. Айдæ-гъа! Куыднæ фæтарстаин, нырмæ мардзысты зæгъгæ. Кæд мыл цыдис иу 8 азы, уæддæр æмбæрстон, сæрæн цыдæр ахсджиаг нысан ис уый. Цæвиттон, цъымарайы цурты лидзгæйæ фысы сæр уырдæм ныззывытт кодтон, æмæ нæ тæккæ хæдзармæ, цыма ницы уыдис, афтæ. Уыцы лæгтæ фынгыл нал сбадтысты, сæр агурæг хæдзар-хæдзар зилгæ ацыдысты лæппутæ кæмæ уыдис уыдоныл. Иу сахаты фæстæ фæд мæнмæ æрбацыдис Иннæтæн сæ хæйттæ бæлвырд уыдысты. Сыхæгты лæг мæ комкоммæ мæстыйæ афарста: "Цы фæкоттай сæр?" Æнæбасæттгæ ма мын цы уыдис. Райсомæй лæгтæ цъымарайы сæр фагуырттой. (Мæгуыр хæдзар, кусарт дæр фысæй акодтой. Фылдæрæн нæ фаг кодтой. Уыцы сæр æмæ бæрзæйыл ма дыккаг бон хъуамæ хуындзæутты дæр сбадын кодтаиккой). Ницыуал дзы рауадис. Æвæццæгæн æхсæв сыхы куитæ хорз фæминас кодтой сæры цъæрттæй. Уæд лæгтæ æхца æртымбыл кодтой æмæ базары æндæр сæр балхæттой.

Русланбек: леопольдина фыссы : потерял сознание - фаесурдаен, фаецудыдтаен-сдвинулся, отодвинулся Спасибо за подсказку . По иронски думал так правильно будет, значит ошибался..

леопольдина: Русланбек я тоже не дока в осетинском языке, не переживай когда-нибудь и ты мне подскажешь, тем более, Фатима правильнее меня перевела

леопольдина: Мысост

балцаджы цалх: ( Хистæр йæ лулæ æмæ тамакойы чыссæ систа йæ дзыппæй. Тамакойы сыфтæ ангуылдзтæй аууæрста æмæ сæ лулайы ныннадта. Йæ зæрдиагæй фæздæг куы æсуагъта, уæд та ныхасыл æсхæцыд. ) Кæрты дуары гуыпп фæцыд. Мад æрбацыд дуканийæ. Лæппу фехъал. Æвиппайды бауад йæ цурмæ æмæ йын йæ хызын абæрæг кодта - "кæд дзы исты адджинаг ис". Астæй уæд зæгъы - "ауадз мæ доны былмæ". "Æцу, фæла арф ранмæ ма бацу" - загъта мад. Цингæнгæ асæррæт кодта лæппу дуарыл, йæ цæстытыл ауадис, æртæккæ та доны куыд цъыллинджыта кæндзæни, уый. Йæ буар хуры тынтæй ныссау ис. Бæгъгъæввад, йæ уæлæ æрмæстдæр цыбыр хæлаф, афтæмæй цæхгæрмæ уынгмæ æсхæццæ. Йæ зæвæттæ æрчъиагæй уæлдай нæ уыдысты, ахуыр уыдис æнæ дзабырæй цауын. Фæлæ хур афтæ арыдта, æмæ уираг дурæй арæзт фæндаг зынг фестын кодта. Куы нал иу фæрæзта дур фæндаджы тæвдæн, уад иу йæ фарсмæ иннæ фæндагмæ рахыстис. Ацы фæндаг хæдтулджытæ рыг фестын кодтой, суанг фадхъултæм хæцца кодта. Уырс-фæныкк хуыз рыг, цыма бæмпæг уыдис, ахæм фæлмæн. Раст - уæлдæфæй рогдæр. Алы къахцæфимæ уыф-уыф кодта. Æхсызгон уыдис лæппуйæн рыджы мидæг цæуын. Фæлæ ам та уыдис иннæ бæллæх, - сындзытæй йедзаг. Хаттæй-хатт иу æрлæууыд æмæ иу йæ зæвæтæй сындз сæппæрста. Уынгты æзмæлæг нæй, иууылдæр сæхи бамбæхстой хæдзары сатæджы. Куыддæр сывæллатты хъæлдзæг хъæр йæм хъуысын райдыдта, афтæ лæппу дæр йæ цыд фæтагъддæр кодта. Бахæццæ доны былмæ, сывæллæттæй йедзаг. Куыд уыдис, афтæмæй доны ныггæпп кодта. Сахатæй къаддæр нæ рахыстис донæй, цалынмæ йæ гæрт-гæрт не ссыдис, уæдмæ. Æстæй уæд тæвд æзмисыл иннæ лæппутимæ йæхи дæлгоммæ ауагъта. Суанг изæрма фæцис доны былыл. Зæрдиагæй фæленк кодта доны, лаппутимæ алыхуызон хъæстытæй фæхъазыдис. Æстæй уæд рахæцыд сæхимæ. ...................................



полная версия страницы